Родной язык
Æвзаг
у адœмы уд œмœ зонд: цалынмœ œвзаг цœра, уœдмœ цœрынц адœм дœр, рœзы œмœ фидар
кœны сœ национ культурœ, сœ национ хиœмбарынад.
Ирон æвзаг у нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирон адæмы мадæлон æвзаг. Куыд уырыссаг, афтæ ирон æвзаг
дæр у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон
культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунембарынад,
хъомыл æй кæны нæ адæмы хуыздæр традицитæ
æмæ æгъдæуттыл. Ирон œвзаг ахуыр кœнын, уымœй, куыд œмбœлы, афтœ пайда кœнын у
стыр ахъаз фœсивœды патриотизмыл хъомыл кœнын, фидœны œхсœнад аразджытœ цœттœ
кœныны хъуыддаджы. Мадœлон œвзаг зонын у нœ культурœйы ахсджиагдœр фœрœзтœй иу.
Ирон æвзаг ахуыр кæныны нысантæ:
- ахуырдзаутæн æвзаджы
тыххæй иумæйаг зонындзинæдтæ раттын; бацамонын, алы адæмæн дæр йе æвзаг йæ
национ хæзна кæй у, хъахъхъæнын æй кæй хъæуы;
-ахуырдзауты дзырдуат æмæ
грамматикон зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын;
-дзургæ æмæ фысгæ ныхасы
рæзтыл бакусын, скъоладзауты коммуникативон арæхстдзинæдтæ æмæ зонындзинæдтæ
фæуæрæхдæр кæнын;
-литературон æвзаджы
нормæтимæ базонгæ кæнын, ныхасы уавæртæм гæсгæ сæ раст пайда кæныныл ахуыр
кæнын.